+ТЕКСТ+
Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн
Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй…
Арвы бын калы, фæрдыгау, тæмæн
Ирыстон йæ адæмты фарнæй.
Заманты тарæй æрттивы, зынгау,
Дæ уидаг — нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн…
Барвæсс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау!
Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс!
Амондæй абузæд, ронгау, дæ цард!
Амонд, мысайнагау, фидæнмæ хæсс!
Дæ кæстæр дын басгуыхæд кард æмæ уарт!
Базард:
Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс!
Амондæй абузæд, ронгау, дæ цард!
Амонд, мысайнагау, фидæнмæ хæсс!
Дæ кæстæр дын басгуыхæд кард æмæ уарт!
Фæлтæрæй-фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн!
Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт!
Хистæры намыс, кæстæры æхсар!
Хурау дын царды цырагъдарæг уæнт!
Базард.
Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс!
Амондæй абузæд, ронгау, дæ цард!
Амонд, мысайнагау, фидæнмæ хæсс!
Уастырджи, рафæлгæс, табу — Дæхицæн!
![](https://i.ytimg.com/vi/5UCXhoMOeAY/maxresdefault.jpg)