Дзæуджыхъæуы цæрджытæн сарæзтой виртуалон экскурси Алексей Бахрушины номыл музейыл.
Мадзал ацыд Национ наукон чиныгдоны. Сбастой йæ музейы бындурæвæрæг - Алексей Бахрушины райгуырды 155 азимæ. Экскурси арæзт уыд «Литература»-йы проекты хуызы. Киноныв ист у цалдæр хайæ. Проекты автор - Хадаты Зæринæйæн у йæ фыццаг интерактивон куыст. Профессионалон гид музей равдыста рацарæзты фæстæ. Театралон Музейы фонды ныртæккæ ис 1 милуан 500 экспонатæй фылдæр. Сты сценографи, къамисыны, сценикон костюмты, спектакльты афишæты дæсныты эскизтæ æмæ афтæ дарддæр.
Абон фæсивæд дæр арæх нал цæуы театртæм, уæдæ театралон музейтæ дæр æрыгон фæлтæры нæ æндавынц. Цæмæй сæ сцымыдис кæнæм уый тыххæй æрхъуыды кодтам ахæм хуызы информаци адæммæ хæццæ кæнæм. Мæнмæ афтæ кæсы уæддæр, театралон музейтæм хъæуы цæуын, уымæн æмæ у нæ истори, нæ культурæ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Ещё видео!