Æппæтуæрæсеон форум «Машук-2018»-ы чи архайдзæн, уыдоны æвзарын райдыдтой. Хуыздæрты бæрæг кæнынц Хæххон-металлургон институты. Кандидаттæ хъуамæ эксперттæн радзурой сæ проектты тыххæй. Сæрмагонд ахуырадон программæтæм гæсгæ, райсой æмбæлгæ амынддзинæдтæ æмæ консультацитæ.
Нæ республикæйы хуыздæр эксперттæ, се `хсæн «Машук»-ы раздæры азты уæлахиздзаутæ, фæсивæдæн æххуыс кæндзысты сæ проекттæ раст ныффыссынæн. Афтæ ма, куыд сæ хуыздæр бахъахъхъæнæн ис, уымæй дæр. Ацы аз Цæгат Ирыстонæй форуммæ ацæудзæн 205 адæймаджы.
Курдиæттæ та балæвæрдтой 300-йæ фылдæр. Йæхи базонын кæнын ма кæй фæнды, уыдонæн нæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты комитет ракодта чысыл лæвар. Курдиат бадæттыны рæстæг аргъæвтой 22 июльмæ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
![](https://i.ytimg.com/vi/UIq7WK2ffhc/maxresdefault.jpg)