Чысыл горæттӕ æмæ историон хъæуты цæрынæн æнцонвадат уавæртæ аразыны хуыздæр проектты 5-æм æппæтуæрæсеон конкурсæн хатдзæгтæ скодтой. Уæлахиздзауты 'хсæн сты Цæгат Ирыстоны дыууæ горæты дæр.
Алагир конкурсмæ балæвæрдта горæты аргъуаны алфамбылайы фæзуат банывыл кæныны сæрмагонд проект. Æрыдоны проекты нысан та уыд Тæргайдоны цурты фæзуаты фæлгонцыл бацархайын. Категори «Малые города до 20 тысяч человек», зæгъгæ, уыд 62 уæлахиздзауы. Уыдонæй алчидæр райсдзæн фæйнæ 50 милуан сомы сæ проекттæ сæххæст кæнынæн.
Конкурсы архайынмæ балæвæрдтой 307 курдиаты бæстæйы 73 субъектæй. Уыдон æвзæрстытæ ацыдысты архитектурæ, горæтарæзтад, экономикæ, культурон хæзнатæ хъахъхъæныны æмæ археологийы къабæзты.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
![](https://i.ytimg.com/vi/k3onR142OtU/maxresdefault.jpg)