Сбæрæг æппæты зынаргъ чырæ телефонтæй кæм пайда кæнынц, ахæм регионты номхыгъд. Мобилон бастдзинады лæггæтты операторты хатдзæгтæм гæсгæ, æппæты зынаргъдæр телефонтæ æлхæнынц Цæгат Ирыстон æмæ Цæцæны республикæйы цæрджытæ. Оператортæ куыд зæгъынц, афтæмæй дыууæ республикæйы цæрджытæ зынаргъ телефоны тыххæй сæ дзыпп раафтид кæнынц 20 мин сомæй фылдæры онг. Номхыгъды республикæтæ бацахстой 3-аг æмæ 4-æм бынæттæ. Фыццаг къæнхæныл ис Магаданы облæст. Дыккаг та разынд Чукоткæ. 10 мин сомы аргъ чырæ телефонтæ арæх самал кæнынц Мæхъæл, Буряти, Тыва æмæ Алтайы цæрджытæ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Ещё видео!