Ирыстоны райдыдтой Уацилламæ кувæн бонтæ. У стыр бархъомысджын, хорарæх æмæ бæркады бардуаг. "Иры Стыр Ныхас"-ы минæвæрттæ нæ студийы æргом кæнынц бæрæгбоны мидис. Иу æхсызгон хабар ма... Дзæуджыхъæуы Паддзахадон базарадон-экономикон колледж фæуæлахиз, Стъараполы цы "Студентон уалдзæг" цыд, уым. Сæхи бакодтой раст 8 номинацийы. Фадат нын уыдис ахуыргæнæндоны сæргълæууæг Æбиты Валерийæн нæ студийы раарфæ кæнынæн. Равдысты кæронбæттæны та - музыкæимæ баст цау. Республикæйы цыдис бардты зарджыты фестиваль. Æрбацыдысты нæм йæ саразджытæ æмæ архайджытæ. Заргæ дæр ма нын акодтой.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
youtube.com/irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv
![](https://i.ytimg.com/vi/z0F_taGCIJQ/maxresdefault.jpg)