Ирон мыггæгты минæвæрттæ сæ къух æрфыстой намысы кодекс «Фæдзæхст»-ы. Кадджын мадзал ацыд Ирон театры. Ныр, йæ къух чи æрфыста, уыдон иннæ мыггæгты раз дзуапп дæтдзысты сæ кæстæрты хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ракӕндтӕн. Кодексы фыст цæуынц нӕлгоймаг æмæ сылгоймаг сæхи куыд хъуамæ дарой.
Иры Стыр ныхасы хистæрты ныхæстæм гæсгæ, «Фæдзæхст» хъуамæ уа алы хæдзары дæр, лæвæрд цæуа фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Куыстой йыл дыууæ азы бӕрц. Йæ сæйраг нысан – мыггæгтæ ӕрбангом кæнын, кæстæрты та æнæуаг митæй бахизын. Мадзалы ма бацархайдтой республикæйы æхсæнадон организацитæ.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
youtube.com/irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv
![](https://i.ytimg.com/vi/l21StSzHe-Q/maxresdefault.jpg)